Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

46 Ды Мын Мӕ сӕр оливӕйы сойӕ нӕ байсӕрстай, уый та Мын Мӕ къӕхтӕ байсӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:46
11 Iomraidhean Croise  

Уӕд Давид зӕххӕй сыстади, йӕхи цӕхсадта, сойӕ йӕхи байсӕрста, йӕ дарӕс раивта, Дунедарӕджы хӕдзармӕ ацыд ӕмӕ зоныгуылӕй куывта. Йӕ галуанмӕ куы ’рбаздӕхти, уӕд хӕринаг ӕрцагуырдта ӕмӕ бахордта.


Текоамӕ арвыста ӕмӕ уырдыгӕй иу зонынджын сылгоймаджы ӕрбахуыдта. Загъта йын: «Дӕхи скӕуӕг кӕн. Дӕ уӕлӕ саутӕ скӕн, дӕхимӕ ма базил, раст цыма, йӕ мардыл рагӕй чи хъыг кӕны, ахӕм сылгоймаг дӕ, уый хуызӕн.


«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».


Ахӕм адӕймаг райсдзӕни Дунедарӕджы, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, арфӕ ӕмӕ хорзӕх.


Райдзаст дарӕсты цу, дӕ сӕрмӕ-иу сойӕ базил.


хӕрзад хӕринӕгтӕ нӕ хордтон, дзидза ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, стӕй ӕртӕ къуырийы мӕ сӕр сойӕ дӕр нӕ байсӕрстон.


Таугӕ цы бакӕнай, уый не ’ркӕрддзынӕ; сойы гагатӕ балӕмардзынӕ, фӕлӕ дӕхи сойӕ нӕ байсӕрддзынӕ, сӕнӕфсиртӕ бассӕнддзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ.


Ды та, ком куы дарай, уӕд ныффас дӕ сӕр ӕмӕ цӕхс дӕ цӕсгом,


Цӕмӕн, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн: бирӕ тӕригъӕдтӕ йын барст ӕрцыд, ӕмӕ бирӕ дӕр уымӕн бауарзта. Чысыл тӕригъӕдтӕ барст кӕмӕн ӕрцыд, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».


Дӕхи цынай, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй дӕхимӕ базил, дӕ дзӕбӕхдӕр фӕлыст скӕн ӕмӕ мусмӕ фӕцу. Ӕрмӕст, цалынмӕ бахӕра ӕмӕ бануаза Боаз, уӕдмӕ йӕм дӕхи ма равдис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan