45 Ды Мын нӕ аба кодтай, уый та Мын Ме ’рбацыдӕй нырмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не ’нцайы.
Уый фӕстӕ Йаков Рахелӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.
Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.
Исчи-иу ӕм, ныллӕг ын акувон, зӕгъгӕ, куы бацыд, уӕд-иу ын уый февнӕлдта йӕ къухмӕ ӕмӕ-иу ын аба кодта.
Паддзах аба кодта Барзиллайӕн, Хуыцауыл ӕй бафӕдзӕхста, ӕмӕ уый йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Адӕм иууылдӕр Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызтысты. Ахызти паддзах дӕр
Йесойы уӕйгӕнӕг сын радта ахӕм нысан: «Кӕмӕн аба кӕнон, Уый у, ӕмӕ Йӕ ӕрцахсут».
Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Саламтӕ айсут Чырыстийы ӕппӕт аргъуантӕй.
Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕфсымӕртӕ иууылдӕр. Ӕфсымӕрон байӕ салам дӕттут кӕрӕдзийӕн.
Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.
Ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.