Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ радтай, уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕхсадта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:44
11 Iomraidhean Croise  

Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын.


ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».


ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Йосефы хӕдзармӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.


Уый фӕстӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ныццу ӕмӕ дӕ фӕллад суадз». Уриа паддзахы къӕсӕрӕй рахызти, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл паддзахы номӕй хуын рахастой.


Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕрлӕууыд ӕмӕ куыдта. Йӕ цӕссыгтӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, Йӕ къӕхтӕн Ын батӕ кодта ӕмӕ сӕ миррӕйӕ сӕрста.


Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у».


Уый фӕстӕ дурыны дон ныккодта ӕмӕ райдыдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсын ӕмӕ сӕ Йӕ астӕуыл баст хисӕрфӕнӕй сӕрфын.


Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.


Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?


Йӕ хӕдзармӕ сӕ бахуыдта ӕмӕ сын сӕ хӕрджытӕн холлаг радта. Бӕлццӕттӕ сӕ къӕхтӕ цӕхсадтой ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадтысты.


Уый сыстад, зӕххыл ныддӕлгом ӕмӕ дзуапп радта: «Ӕз дӕ цагъар дӕн ӕмӕ цӕттӕ дӕн ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan