Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:39
25 Iomraidhean Croise  

уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».


Чи сыл амбӕлы, уымӕн фӕзӕгъынц, ӕрлӕуу, хӕстӕг мӕм ма ’рбацу, дӕуӕй хъауджыдӕр ӕз сыгъдӕг дӕн. Ацы адӕм Мын Мӕ маст рафыцын кодтой, ӕмӕ алы бон дӕр судзы ӕнӕахуысгӕ пиллон артау.


Уӕдӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та — фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл]».


Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».


Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — давын, марын,


Лӕг йӕхимидӕг катай кодта: ныр цы кӕнон, мӕ хор кӕм бафснайон, ахӕм бынат мын куы нӕй, уӕд, зӕгъгӕ.


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Йӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ ӕмвынг у семӕ».


Уынаффӕгӕнӕг йӕхинымӕр загъта: „Ныр цы кӕнон? Мӕ бынатӕй мӕ исы мӕ хицау. Зӕхх къахын мӕ бон нӕу, мӕгуыргур цӕуын та мӕм худинаг кӕсы.


Тӕрхонгӕнӕг ӕм цасдӕр рӕстӕг ницы йӕ хъус дардта, фӕлӕ ӕппынфӕстаг йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын.


Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».


Уыцы сахары иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынджы уӕлхъус кӕй бады, уый ӕмӕ ӕрбахаста миррӕйӕ йедзаг дурын.


Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕрлӕууыд ӕмӕ куыдта. Йӕ цӕссыгтӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, Йӕ къӕхтӕн Ын батӕ кодта ӕмӕ сӕ миррӕйӕ сӕрста.


Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».


Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.


Йесойы тыххӕй адӕм сусӕгӕй алы ныхас кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Хорз адӕймаг у». Иннӕтӕ та: «Нӕ, Уый адӕмыл сайдӕй цӕуы».


Ӕмӕ та уӕд дыккаг хатт фӕдзырдтой раздӕры куырммӕ ӕмӕ дзы домдтой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan