Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:34
13 Iomraidhean Croise  

Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы уыдон зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“. Фӕлӕ Хуыцауы Уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон сты Йӕ растгӕнӕг».


Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?


Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?»


Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Ӕй иу фарисей сӕхимӕ сихор хӕрынмӕ бахуыдта. Йесо бацыд ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадти.


Иу сабаты Йесо сихор хӕрынмӕ фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ бацыд, ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Йӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ ӕмвынг у семӕ».


Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.


Левий Йесойӕн йӕ хӕдзары ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадти бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма дзы ӕндӕр адӕм дӕр дзӕвгар уыд.


Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у“.


Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ цот се ’ппӕт дӕр ӕвдисӕн сты».


Фарисейтӕй иу чидӕр Йесойы йӕ хӕдзармӕ сихор хӕрынмӕ фӕхуыдта. Йесо бацыди фарисейы хӕдзармӕ ӕмӕ фынгыл ӕрбадти.


Фынг Ын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сын Марфӕ лӕггад кодта, Лазыр та уыди, Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдонимӕ.


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan