26 Фӕлӕ сымах уӕддӕр кӕй фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.
Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай
Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.
„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый».
Уӕддӕр цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? Фырхъӕздыг дарӕсы чи цӕуы ӕмӕ хъал цард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.
Иоанн у, афтӕ кӕй тыххӕй фыст ис: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг“.
Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.