Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уӕддӕр цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? Фырхъӕздыг дарӕсы чи цӕуы ӕмӕ хъал цард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:25
16 Iomraidhean Croise  

Ныридӕгӕн мыл ӕстай азы куы цӕуы, уӕд ма мӕм цы хур кӕсы фидӕнӕй? Цы хӕрын ӕмӕ цы нуазын, уыдоны ад ма бамбардзӕни дӕ цагъар? Зарӕггӕнджыты хъӕлӕс ӕрцахсынхъом ма суыдзысты мӕ хъустӕ? Мӕ бардарӕгӕн, паддзахӕн, фыдӕбоны хос цӕмӕн хъуамӕ уон?


федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.


Дзуапп ын радтой: «Йӕ уӕлӕ уыди сӕгъы хъуынӕй пӕлӕз, йӕ астӕуыл — цӕрмын рон». — «Уый тишбийаг Илийа у», — загъта паддзах


Загъта сын, Ваштийы йӕм, йӕ сӕрыл паддзахы худ, афтӕмӕй куыд рахоной: паддзах йӕ рӕсугъд усӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хаста ӕмӕ дзы хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ уӕздӕтты раз дӕр хъуамӕ йӕхи ахъал кодтаид.


Паддзах куы сси, уымӕн йе ’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ.


Паддзахы дуармӕ бахӕццӕ, фӕлӕ паддзахы дуарӕй бызгъуыр дарӕсы мидӕмӕ цӕуыны бар нӕ уыди.


Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.


Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.


фӕлӕ уын зӕгъын: суанг Соломон дӕр, уый бӕрц кадджын уӕвгӕйӕ, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.


Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.


Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын райдыдта: «Ӕдзӕрӕг быдыры цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз?


Фӕлӕ сымах уӕддӕр кӕй фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan