Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын райдыдта: «Ӕдзӕрӕг быдыры цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:24
14 Iomraidhean Croise  

Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.


Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Захариайы фырт Иоаннӕн ӕдзӕрӕг быдыры раргом ис Хуыцауы Дзырд.


Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕдызӕрдыг уа, уый!»


Уӕддӕр цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? Фырхъӕздыг дарӕсы чи цӕуы ӕмӕ хъал цард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Уый сын дзуапп радта пехуымпар Исайайы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг быдыры фидиуӕджы хъӕлӕс: „Сӕмраст кӕнут Бардарӕгӕн Йӕ фӕндаг“».


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны саудалынг.


Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan