20 Уыдон ӕрбацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ Дӕумӕ рарвыста бафӕрсынмӕ: „Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?“»
Уыцы рӕстӕг фӕзындис Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры хъусын кодта:
Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»
Уӕдмӕ Йесо бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты цӕстӕй ракӕсын кодта.