14 Бацыд ӕмӕ сынтмӕ Йӕ къухӕй бавнӕлдта. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын, рабад».
Ӕртӕ хатты дӕлгоммӕ ӕрфӕлдӕхти сабийыл ӕмӕ-иу алы хатт дӕр скуывта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Ацы сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацӕуӕд!»
Дунедарӕг Илийайы куывд фехъуыста, ӕмӕ сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацыд, ӕмӕ райгас.
Афтӕ адӕймаг дӕр: ӕруатон вӕййы ӕмӕ нал сысты, ӕмӕ, цалынмӕ арв йӕ бынаты уа, уӕдмӕ уый йӕ мӕрдон фынӕйӕ нӕ райхъал уыдзӕн.
Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.
Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.
Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст».
Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».
Мард йӕхиуыл схӕцыди, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо йӕ мады бар ныууагъта.
Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейы ӕмӕ йӕ алфамбылай.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.
Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.
Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз.
Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.