Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сахары кулдуармӕ куы баввахс ис, уӕд дзы мард рацӕйхастой — идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыди бирӕ адӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:12
20 Iomraidhean Croise  

Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».


Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».


Ныр мӕ хионтӕ дӕр мӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ мын зӕгъынц: „Йе ’фсымӕры чи амардта, уый нын нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ дзы, кӕй бабын кодта, уый туг райсӕм; кӕд бындар у, уӕддӕр ӕй амарӕм“. Мӕ къонайы ма цы зынг баззади, уый бынтондӕр ахуыссын кӕндзысты, мӕ мойӕн йӕ ном куыд фесӕфа ӕмӕ йын зӕххы цъарыл куыд ничиуал баззайа, афтӕ».


Уый йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, къӕбӕры мур мӕм нӕй. Ӕрмӕстдӕр мӕм дурыны мидӕг ис иу армыдзаг ссад, хъуырауы мидӕг та — иу чысыл сой. Ӕмӕ мӕнӕ суджы дыууӕ лыггаджы ахӕссон, фӕстаг хӕринаг скӕнон мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн, стӕй амӕлдзыстӕм».


уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Уӕд ӕй Илийа йӕ хъӕбысмӕ систа, фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕриста, йӕ мадмӕ, ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕс-ма, дӕ лӕппу ӕгас у».


«Ацу сидойнаг сахар Сарептӕмӕ ӕмӕ уал уым цӕр. Ӕз уым иу идӕдз усӕн загътон, ӕмӕ дӕ уый хӕрд ӕмӕ нозтӕй цух нӕ уадздзӕн».


Елисей йын загъта: «Иннӕ ацафон дӕ хъӕбысы уыдзӕни лӕппу». Уый йын дзуапп радта: «Нӕ, дӕ нывонд фӕуон, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг! Уымӕн уӕвӕн нӕй ӕмӕ мын дзӕгъӕл ныфсытӕ ма ӕвӕр!»


Уый сабийы ахаста йӕ мадмӕ, ӕмӕ сихормӕ йӕ мады хъӕбысы уыди, стӕй сихорӕй амард.


Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон, уый мын-иу раарфӕ кодта, мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


Уый фӕстӕ Йесо ацыди, Наин кӕй хуыдтой, уыцы сахармӕ. Йемӕ ацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕм.


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг мӕлгӕ кодта; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм алырдыгӕй цъист кодтой.


Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут — мард нӕу, фынӕй у».


Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.


Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.


Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта.


Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan