Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, ома кӕд сабаты искӕй сдзӕбӕх кӕна, уӕд Ӕй фӕазымджын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:7
14 Iomraidhean Croise  

Йӕ азымы тыххӕй Ды адӕймаджы бафхӕрыс, зынаргъ ын цы у, уый рӕмпӕг фестын кӕныс. Адӕймаг фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.


стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы чи базылын кӕны, тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы раст дзурын чи нӕ фӕуадзы ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.


Йесомӕ аивӕй сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ фӕзылын кӕной.


Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ».


Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.


Уӕд фарисейтӕй иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сабаты ӕгъдау халы». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ бон куыд у ахӕм диссӕгтӕ аразын?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan