Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар зӕххыл ӕнӕ бындурӕй чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Куыддӕр хӕдзарыл дон ахӕцыд, афтӕ ныккалди ӕмӕ дурты кӕри фестад».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:49
30 Iomraidhean Croise  

Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды ’рхаудзӕн.


Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.


Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се ’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц.


Уымӕ гӕсгӕ, цы уын дзурынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон, цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.


Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты.


фӕлӕ ӕнӕуидаг сты, ӕмӕ сын бирӕ нӕ ахӕссы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзынц сӕ уырнындзинад.


Йӕ хицауы фӕндон зындгонд кӕмӕн уыди, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕни карз над.


Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.


Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».


Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд Мӕм „Хицау, Хицау!“ цӕмӕн дзурут?


Уый у, арф дзыхъхъ чи скъахта ӕмӕ йӕ хӕдзар дурын бындурыл чи сӕвӕрдта, ахӕм хӕдзаргӕнӕджы хуызӕн. Дон раивылди ӕмӕ уыцы хӕдзарыл ахӕцыд, фӕлӕ йӕ фенкъуысын кӕнын нӕ бафӕрӕзта, уымӕн ӕмӕ йӕ бындур фидар уыд.


Йесо адӕмимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ацыди Капернауммӕ.


Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.


Ӕз зонын, мӕ фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ.


Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.


Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын мӕ бон нал уыд, ӕмӕ арвыстон уӕ уырнындзинады тыххӕй базонынмӕ, цӕмӕй уӕ хӕйрӕг ма сардауа тӕригъӕд ракӕныныл, ӕмӕ нӕ куыст дзӕгъӕлы ма фӕуа.


Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.


Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan