Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Йесо сын фӕсномыг ныхас дӕр ракодта: «Куырм куырмӕн фӕндаг куыд амондзӕн? Сӕ дыууӕ дӕр дзыхъхъы нӕ ныххаудзысты, ӕви?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:39
14 Iomraidhean Croise  

Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.


Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ цыдӕртӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта: «Мӕнӕ хортауӕг хуыммӕ рацыди.


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Тӕрхон ӕмӕ зындонӕй куыд фервӕзынмӕ хъавут?


фидарӕй ӕууӕндыс, куырмытӕн фӕндагамонӕг кӕй дӕ, талынджы цӕрджытӕн — рухс,


Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan