Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:19
15 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ иуахӕмы израилӕгтӕ иу лӕджы куы ныгӕдтой, уӕд ауыдтой моавӕгты ӕфсад. Фыр тӕссӕй сӕ марды тагъд-тагъд Елисейы зӕппадзмӕ баппӕрстой. Марды буар хаугӕ-хауын Елисейы стджытыл андзӕвыд ӕмӕ райгас ис, йӕ дыууӕ къахыл слӕууыд.


ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ Йӕ дарӕсы хаутыл бандзӕвын уӕд та бауадза, ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыди, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.


Уымӕн ӕмӕ Уый бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ Йӕм ныр алыхуызон рынчынтӕ сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй Йыл андзӕвой.


Уыцы уысм Йесо, тых Дзы кӕй рацыди, уый банкъардта, адӕммӕ разылд ӕмӕ бафарста: «Чи Мын андзӕвыд Мӕ дарӕсыл?»


Кӕдӕмфӕнды ма бацыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу фӕзты ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ уӕд та Йӕ пӕлӕзы хаутыл андзӕвын бауадза. Ӕмӕ-иу Йесойыл чидӕриддӕр андзӕвыд, уый-иу сдзӕбӕх ис.


Бахӕццӕ сты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕрбакодтой иу куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл андзӕва.


Иуахӕмы та Йесо адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’хсӕн фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыди — уыдон ӕрбамбырд сты Галилей ӕмӕ Иудейы алы хъӕутӕй, стӕй Йерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.


Уыдон Ӕм ӕрцыдысты байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй фервӕзынмӕ. Ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕсты чи уыди, уыдон дӕр-иу сдзӕбӕх сты.


Рынчынтыл-иу ӕрӕвӕрдтой Павелы къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ раздарӕнтӕ, ӕмӕ-иу адзӕбӕх сты сӕ низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу рацыдысты сӕ хуылфӕй.


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan