Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уыдон Ӕм ӕрцыдысты байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй фервӕзынмӕ. Ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕсты чи уыди, уыдон дӕр-иу сдзӕбӕх сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:18
5 Iomraidhean Croise  

Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц».


ӕмӕ Йӕм бахатыд: «Хицау, батӕригъӕд кӕн мӕ фыртӕн. Суртӕгӕнаг у ӕмӕ тынг удхар кӕны; арӕх йӕхи куы артмӕ ӕппары, куы донмӕ.


Йесо семӕ хохӕй ӕрцыди ӕмӕ фӕзы ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕронӕй — Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрцӕуӕг адӕм.


Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.


Йерусалиммӕ бирӕ адӕм цыди хӕстӕг сахартӕй дӕр. Уыдон кодтой рынчынты, стӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ кӕй хъыгдардтой, ахӕмты, ӕмӕ-иу се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan