Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йесо семӕ хохӕй ӕрцыди ӕмӕ фӕзы ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕронӕй — Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрцӕуӕг адӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:17
14 Iomraidhean Croise  

дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.


«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.


Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.


Йесо араст ис уырдыгӕй ӕмӕ ӕрцыди Тир ӕмӕ Сидоны зӕхмӕ.


Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты,


Фӕлӕ уӕддӕр Йесойӕн Йӕ кой дӕрдтыл айхъуысти, ӕмӕ Йӕм адӕм гуылф кодтой — байхъусынмӕ ӕмӕ сӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ.


Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста.


Йаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ, Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уыцы Иудӕ Искариоты.


Уыдон Ӕм ӕрцыдысты байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй фервӕзынмӕ. Ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕсты чи уыди, уыдон дӕр-иу сдзӕбӕх сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan