15 Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, фӕсномыгӕй Зилот кӕй хуыдтой, уыцы Симоны,
Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.
Куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта Алфейы фырт Левийы ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.
Андрейы, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, Фаддейы, Симон Кананиты
Уый фӕстӕ Йесо уырдыгӕй рацыди. Кӕсы, ӕмӕ иу хъалонисӕг, Левий, хъалонисӕн бынаты бады. Йесо йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу».
Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, уыдонимӕ ма — Йаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы,
Йаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ, Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уыцы Иудӕ Искариоты.
Уӕд, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».
Йесо куы ӕрбацыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй — Фаззон, семӕ нӕ уыд.
Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Йаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм.
Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.
Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.