Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 6:12
23 Iomraidhean Croise  

Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.


Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.


Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы ’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн.


Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты,


Ды та, куы фӕкувыс, уӕд бацу дӕ уатмӕ, сӕхгӕн дӕ дуар ӕмӕ скув, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыдмӕ. Ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.


Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ хӕдзарӕй рацыд, хибар ранмӕ Йӕхи айста ӕмӕ уым куывта.


Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ, кӕмӕ Йӕ фӕндыд, уыдонмӕ фӕсидти. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты.


Куы сӕ ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди скувынмӕ.


Йесо-иу Йӕхи ӕдзӕрӕг рӕттӕм айста ӕмӕ куывта.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.


Йесо семӕ хохӕй ӕрцыди ӕмӕ фӕзы ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕронӕй — Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрцӕуӕг адӕм.


Иуахӕмы Йесо хибарӕй куывта, ӕмӕ Йӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты. Йесо сӕ бафарста: «Адӕм Мын Чи ӕнхъӕл сты?»


Уыцы ныхӕстыл иу аст боны куы рацыди, уӕд Йесо Йемӕ ахуыдта Петр, Иоанн ӕмӕ Йаковы ӕмӕ хохмӕ ссыди кувынмӕ.


Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та урс-урсид фестади ӕмӕ тӕмӕнтӕ калдта.


Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым бадти.


Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.


Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan