8 Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».
Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Дунедарӕгӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?»
уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»
Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?
Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом сты.
Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.
Сӕдӕйыхицау Ын афтӕ: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.
Иннӕ бӕлӕгъы чи уыд, уыцы ӕмбӕлттӕм сӕ къухтӕ фӕтылдтой, цӕмӕй сын феххуыс кӕной. Ӕрбацыдысты сӕм, ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг сты, ӕмӕ фӕцӕйдӕлдон кодтой.
Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр, се ’хсӕн — Симоны ӕмбӕлттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн, Зеведейы фырттӕ, уый бӕрц кӕсӕгтӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ».
Йесо кӕм уыд, Мариа уырдӕм куы бахӕццӕ ис ӕмӕ Йӕ куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид».
Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.
Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,
ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы».
Бет-Шемешы цӕрджытӕ загътой: «Ацы стыр Хуыцауы раз, Дунедарӕджы раз, кӕй бон у ӕрлӕууын? Йӕ Фидыды Чырын хъуамӕ ацӕуа махӕй, фӕлӕ кӕдӕм?»