Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Симон Ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд Дӕу афтӕ фӕнды, уӕд баппардзынӕн хызтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 5:5
14 Iomraidhean Croise  

Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ.


ӕмӕ йӕм уырдыгӕй хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!»


Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!» Йесо сыстади, уад ӕмӕ уылӕнтӕн бардзырд радта, ӕмӕ банцадысты. Бӕстӕ ныссабыр.


Йесо бафарста: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ адӕмӕй куы ничи састи, уӕд Ын Петр загъта: «Ахуыргӕнӕг, адӕм Дыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ӕмӕ Дӕ алырдыгӕй ӕрбалхъывтой».


Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Цӕй ӕмӕ ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста.


Уӕд Ын иу хатт Иоанн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ йын уыцы бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы».


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».


Уӕд сӕм Симон Петр дзуры: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Уыдон ын загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Ацыдысты ӕмӕ бӕлӕгъы сбадтысты, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan