37 Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты ничи кӕны, уымӕн ӕмӕ ног сӕн лалымтӕ арӕмудздзӕн, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕ ӕфтиагӕй баззайдзӕн, стӕй лалымтӕ дӕр фесӕфдзысты.
Ногдыгъд сӕн дӕр уӕдӕ зӕронд лалымы ничи ныккӕны, науӕд лалымтӕ дӕр аскъуыйдзысты ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕни. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕхъӕнӕй баззайдзысты».
Фӕсномыг ныхас дӕр сын ракодта: «Ног дарӕсӕй гӕппӕл ничи скъуыны ӕмӕ дзы зӕронд дарӕс не ’мпъузы. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ӕмпъузӕн не сбаддзӕн.
Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ дыууӕ дӕр баззайой ӕнӕхъӕнӕй.
Ацы лалымты сӕн куы ныккодтам, уӕд ног уыдысты, ныр мӕнӕ ныскъуыдтӕ сты. Нӕ фӕлыст ӕмӕ нӕ къахыдарӕс дӕр дард фӕндагыл баихсыдысты».
уӕд ыл хинӕй рацӕуынвӕнд скодтой. Цалдӕрӕй бавдӕлдысты ӕмӕ фӕндагмӕ хойраг ӕрцӕттӕ кодтой, сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой лӕзӕрд голджытӕ ӕмӕ сӕны лалымты хӕррӕгътӕ — скъуыдтӕ ӕмӕ ӕмпъызтытӕ.