30 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?»
Чи сыл амбӕлы, уымӕн фӕзӕгъынц, ӕрлӕуу, хӕстӕг мӕм ма ’рбацу, дӕуӕй хъауджыдӕр ӕз сыгъдӕг дӕн. Ацы адӕм Мын Мӕ маст рафыцын кодтой, ӕмӕ алы бон дӕр судзы ӕнӕахуысгӕ пиллон артау.
Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?»
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ иу фынгыл бадгӕ куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Уый хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ куыд хӕры?»
Фарисейтӕ та, ӕппӕт иудейӕгтау, фыдӕлты ӕгъдауыл хӕст сты ӕмӕ, цалынмӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ цӕхсой, уӕдмӕ нӕ хӕрынц.
Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?»
Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.
Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.
Иуахӕмы та Йесо адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’хсӕн фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыди — уыдон ӕрбамбырд сты Галилей ӕмӕ Иудейы алы хъӕутӕй, стӕй Йерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»
Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“.
Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».
Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»