Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йесо фӕкасти ӕмӕ цады ауыдта дыууӕ бӕлӕгъы лӕугӕ — кӕсагахсджытӕ рахызтысты ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕхсадтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 5:2
7 Iomraidhean Croise  

Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.


Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти.


Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, Симон ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей сӕ хызтӕ денджызмӕ куыд ӕппӕрстой, уый — кӕсагахсджытӕ уыдысты.


Йесо уырдыгӕй чысыл фалдӕр куы бауад, уӕд кӕсы, ӕмӕ Зеведейы фырт Йаков йе ’фсымӕр Иоаннимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъузынц.


Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.


Йесо бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны чи уыд, уыцы бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ йын йӕ хицаумӕ бахатыд, былӕй иу чысыл адарддӕр уӕм, зӕгъгӕ. Сбадти бӕлӕгъы ӕмӕ афтӕмӕй ахуыр кодта адӕмы.


Иоаннӕй Йесойы кой чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыди, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan