Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 5:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Иуахӕмы та Йесо адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’хсӕн фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыди — уыдон ӕрбамбырд сты Галилей ӕмӕ Иудейы алы хъӕутӕй, стӕй Йерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 5:17
20 Iomraidhean Croise  

куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Уӕд Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмӕ Йын загътой:


Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.


кӕлмыты исдзысты сӕ къухтӕм ӕмӕ, марг куы бануазой, уӕд дӕр сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл сӕ къухтӕ ӕвӕрдзысты, ӕмӕ-иу уыдон адзӕбӕх уыдзысты».


Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.


Уыцы уысм Йесо, тых Дзы кӕй рацыди, уый банкъардта, адӕммӕ разылд ӕмӕ бафарста: «Чи Мын андзӕвыд Мӕ дарӕсыл?»


Фарисейтӕ, стӕй цалдӕр динамонӕджы Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты.


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Йӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ ӕмвынг у семӕ».


Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?»


Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой.


Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыди, уымӕн ӕмӕ Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыди, уый».


Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс?


Фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый та цӕуы рухсмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом куыд уой, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕн фӕндон сты».


Хуыцау Павелы уылты арӕзта ӕнахуыр диссӕгтӕ.


Дӕ къух радар ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕн рынчынты, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдис».


Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиел, динамонӕг, адӕмы ’хсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитын кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan