16 Йесо-иу Йӕхи ӕдзӕрӕг рӕттӕм айста ӕмӕ куывта.
Адӕмы куы ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди хибарӕй скувынмӕ ӕмӕ, куы баизӕр, уӕд дӕр ма уым уыдис иунӕгӕй.
Куы сӕ ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди скувынмӕ.
Иоанн, иннӕ адӕмыл куы аргъуыдта, уӕд Йесойыл дӕр саргъуыдта. Аргъуыд исгӕйӕ, Йесо куывта, афтӕмӕй арвы дуар фегом ис,
Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста.
Уыцы ныхӕстыл иу аст боны куы рацыди, уӕд Йесо Йемӕ ахуыдта Петр, Иоанн ӕмӕ Йаковы ӕмӕ хохмӕ ссыди кувынмӕ.
Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та урс-урсид фестади ӕмӕ тӕмӕнтӕ калдта.
Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.