Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 5:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Йесо Йӕм Йӕ къух бадардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ рынчын уайтагъд йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 5:13
15 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс.


Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.


Елисей йӕм йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Иорданы доны авд хатты аныгъуыл фӕд-фӕдыл, ӕмӕ дӕ буар сног уыдзӕни, бынтондӕр ссыгъдӕг уыдзынӕ».


Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.


Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!


Фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй, ратдзынӕн уын хор ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй стонг ма ӕвзарат.


Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».


Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй.


Йесо йӕ цуры ӕрлӕууыд, низӕн йӕ тых басаста, ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх ис. Уыйадыл сылгоймаг сыстади ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.


Сахартӕй иуы Йесо фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотырӕй кӕмӕн нал зынди, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд Йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Бардарӕг, Дӕу куы бафӕнда, уӕд мӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ».


Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan