11 Кӕсагахсджытӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр былмӕ раластой, ӕд кӕсӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕд хызтӕ уым ныууагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг Йесойы фӕдыл ацыдысты.
Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.
Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах алцыдӕр ныууагътам ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»
Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, ууыл уыдӕттӕ фондзыссӕдз ахӕмӕй бафтдзысты фӕстӕмӕ ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.
Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл араст сты.
Уыдон уайтагъд фӕуагътой сӕ бӕлӕгъ, стӕй сӕ фыды ӕмӕ араст сты Йӕ фӕдыл.
Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Левий алцыдӕр фӕуагъта, фестад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.