1 Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.
Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.
Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ.
Ӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарой, уымӕн ӕмӕ Йӕм адӕм ӕмгуылф кодтой.
Ӕмӕ та Йесо денджызы был ногӕй адӕмы райдыдта ахуыр кӕнын. Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр былгӕрон уыдысты.
Йесо араст ис йемӕ. Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм ӕмӕ Йӕ алырдыгӕй уынгӕг кодтой.
Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисаретмӕ, ӕмӕ былгӕрон ӕрлӕууыдысты.
Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.
Йесо фӕкасти ӕмӕ цады ауыдта дыууӕ бӕлӕгъы лӕугӕ — кӕсагахсджытӕ рахызтысты ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕхсадтой.
Иу хатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады иннӕ фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты.
Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Ӕвиппайды тыхджын уад сыстади, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ бӕлццӕттӕ тӕссаг уавӕры бахаудтой.
Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты.
Йесо бафарста: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ адӕмӕй куы ничи састи, уӕд Ын Петр загъта: «Ахуыргӕнӕг, адӕм Дыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ӕмӕ Дӕ алырдыгӕй ӕрбалхъывтой».
Иоаннӕй Йесойы кой чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыди, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр.
Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.
Ноджы ма сын радтон Аравӕ Иорданы онг, Киннеретӕй Аравӕйы (Мард) денджызы онг ӕмӕ скӕсӕнӕрдыгӕй — суанг Фасгайы фӕхстӕм.
Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.
стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.
Иорданы тӕрфы та: Бет-Харам, Бет-Нимра, Суккот ӕмӕ Цафон — Рувимы хайӕ фӕстӕмӕ хешбонаг паддзах Сигоны зӕхх, Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон Киннереты денджызы онг.