Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ лӕггад кӕн ӕрмӕстдӕр Уымӕн“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 4:8
14 Iomraidhean Croise  

Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды — дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау! Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».


Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».


Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй“».


Уӕдӕ мӕм куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу».


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, уарз, тӕрс Дзы ӕмӕ Йын лӕггад кӕн, дӕхи Йыл бафӕдзӕхс ӕмӕ Йын Йӕ номӕй ард хӕр.


Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.


Уӕдӕ басӕттут Хуыцауы раз, ӕрлӕуут хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн.


Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ — уе ’фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут.


Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де ’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй, ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се ’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».


Самуел сын загъта: «Кӕд зӕрдиагӕй раздӕхтыстут Дунедарӕгмӕ, уӕд ӕцӕгӕлон хуыцӕутты ӕмӕ Астартӕты уӕхицӕй аиуварс кӕнут, уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕн раттут ӕмӕ иунӕг Уымӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уӕ Уый филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan