Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 4:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Уый сын загъта: «Ӕз хъуамӕ иннӕ сахартӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады Фарны Уац фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 4:43
12 Iomraidhean Croise  

Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.


Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ хӕдзарӕй рацыд, хибар ранмӕ Йӕхи айста ӕмӕ уым куывта.


Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.


хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan