Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 4:4
13 Iomraidhean Croise  

Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Ма мӕт кӕн дӕ сидзӕртыл, Ӕз сын сӕ цард бахъахъхъӕндзынӕн, дӕ идӕдзтӕ Мыл сӕ зӕрдӕ дарӕнт».


Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“».


Уӕдӕ ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма дзурут: «Цы хӕрӕм?», «Цы нуазӕм?», «Нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?»


Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».


уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын“;


Хӕйрӕг Ын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ дзул феста».


Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ лӕггад кӕн ӕрмӕстдӕр Уымӕн“».


Ирвӕзындзинады згъӕрхуд райсут, стӕй монон цирхъ — Хуыцауы Ныхас.


Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan