Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 4:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 4:22
20 Iomraidhean Croise  

Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.


дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой, хӕрдмӕ куы фӕцӕуой, ӕмӕ хӕхтӕ сӕ уынӕрӕй куы нынкъуысой, уӕд дӕр.


Рӕстуды ’взаг хъӕугӕ ныхас зоны, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг — зианхӕссӕг.


Йӕ зӕрдӕйы уӕлзонд кӕмӕн цӕры, уый зондджын хондзысты; йӕ дзыхы ныхас ӕхцон кӕмӕн у, ууыл фылдӕр ӕууӕнддзысты.


Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ — уыдоны ’нгӕс у афоныл загъд ныхас.


Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе ’взаг сафгӕ кӕны.


Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!


Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.


Чи Йӕм хъуыста, уыдон Ын иууылдӕр Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл дис кодтой.


Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».


Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.


Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон — куы йӕм хъуыстат, уӕд».


Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».


Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»


Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта».


Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыди йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын.


Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan