17 Пехуымпар Исайайы чиныг Ӕм радтой. Байгом ӕй кодта ӕмӕ ссардта мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:
Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Ис сын Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ, уыдонмӕ хъусӕнт“.
Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы афтӕ куы дзуры: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс,
Йесо ацыди, кӕм схъомыл ис, уыцы Назаретмӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ сабаты синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ слӕууыд Сыгъдӕг Фыстӕй бакӕсынмӕ.
«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ
Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ ӕрбадти. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдон Дзы сӕ цӕстытӕ нал истой.
Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».
Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй.
Хуыцау сӕ Йе ’ргом аздӕхта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонмӕ, пехуымпартӕм куыд фыст ис, афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы кусӕрттӕ Мӕнӕн кодтат ӕмӕ нывӕндтӕ Мӕнӕн хастат?