14 Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыстис ӕппӕт бӕстӕйыл.
Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.
Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл.
Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрбацыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Фарны Уац:
Ӕгас Галилейыл Йесойы кой уайтагъд айхъуысти.
Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы бафӕлвӕрдта, уӕд Ӕй рӕстӕгмӕ Йӕхи бар ныууагъта.
Ӕмӕ Йесойы кой айхъуысти Капернаумы алфамбылай.
Дыууӕ боны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыди Галилеймӕ,
Иоанн саргъауынмӕ куы сидти, уӕд ӕппӕт Иудейы, Галилейӕ райдайгӕйӕ, цы ӕрцыд, уый сымахӕн зындгонд у.