12 Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».
Саудалынгӕй, мӕрдон тарӕй сӕ рухсмӕ ракодта, сӕ хъадамантӕ сын ныссаста.
Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы! Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд!
Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».
Йесо йын загъта: «Афтӕ дӕр ма фыст ис: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».
Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы бафӕлвӕрдта, уӕд Ӕй рӕстӕгмӕ Йӕхи бар ныууагъта.
Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.
Ма фӕлварут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Массайы йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ.