Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 3:8
29 Iomraidhean Croise  

Фӕстӕмӕ сын раттут сӕ хуымтӕ, сӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕсты дыргъдӕттӕ, стӕй сӕ хӕдзӕрттӕ. Фӕстӕмӕ сын раттут, ӕвзисты ӕмӕ хоры, сӕны ӕмӕ сойы ӕфстауы тыххӕй цы уӕлӕфтуантыл бадзырдтат, уыдон дӕр.


«Адӕймаджы фырт! Израилы хӕлддзӕгты чи цӕры, уыдон дзурынц: „Авраам, иу лӕг уӕвгӕйӕ, ацы зӕхх исбонӕн райста, мах та бирӕ стӕм ӕмӕ ацы зӕхх махӕн лӕвӕрд у“.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.


Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.


Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.


Уӕд дзурдзыстут: „Мах Дӕ разы хордтам ӕмӕ нуӕзтам, адӕмы нӕ уынгты ахуыр кодтай“.


уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ.


Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».


Йесо йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ирвӕзындзинад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддагӕй у.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Загътой йын: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын Ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут“?»


Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат.


Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.


Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,


Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт йе ’цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл».


Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan