5 Алы дӕлвӕз дӕр уӕлӕмӕ схӕцӕд йӕхиуыл, алы хох ӕмӕ алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ сӕмлӕгъз уӕнт.
Алы дӕлвӕз дӕр йӕхиуыл схӕцӕд, алы хох, алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт, къуыппытӕ, дзыхъхъытӕ слӕгъз уӕнт.
Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.
Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн дӕ разӕй ӕмӕ дын дӕ развӕндагыл зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн алы хох, ныссӕтдзынӕн алы ӕрхуы дуар, ныппырх сын кӕндзынӕн се ’фсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.
Сӕ фӕндагыл сын ӕмраст-ӕмлӕгъз скӕндзынӕн хӕхтӕ.
Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».
Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.