Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 3:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Каинан, Арфахсад, Сим, Ной, Ламех,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 3:36
22 Iomraidhean Croise  

Адамыл дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Шет. Шет уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта.


Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Тӕккӕ уыцы бон бахызтысты наумӕ Ной, йӕ фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафет, стӕй йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ.


Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты хъуыры аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ науы чи уыди, уыдон.


Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.


Нойы фырттӕ, науӕй чи рацыди, уыдон: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Хам уыди Ханааны фыд.


Симы фырттӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Арамы фырттӕ: Уц, Хул, Гетер, Мешех.


ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.


Серух, Рагав, Пелег, Евер, Шелах,


Мефушал, Енох, Йаред, Махалаел, Кеинан,


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй — аст адӕймаджы — фервӕзтысты доны фӕрцы.


рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ — аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan