34 Йаков, Исаак, Авраам, Терах, Нахор,
Саррӕ йын цы фырт ныййардта, ууыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак.
Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
Исаак уыдис Авраамы фырт. Исаакы фырттӕ: Исав ӕмӕ Израил.
Авраамӕй райгуырд Исаак, Исаакӕй — Йаков, Йаковӕй — Иудӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ;
Аминадав, Админ, Арни, Есром, Парец, Иудӕ,
Серух, Рагав, Пелег, Евер, Шелах,
Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.
Йешуа дзыллӕйӕн загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Рагзаманы уӕ фыдӕлтӕ — суанг Авраам ӕмӕ Нахоры фыд Терахы онг — цардысты доны фале ӕмӕ лӕггад кодтой ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн.