Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 3:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Йесо Йӕ лӕггадмӕ куы бавнӕлдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Адӕм куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй Уый уыди Йосифы фырт, Йосиф та — Елиайы. Йӕ фыдӕлтӕ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 3:23
20 Iomraidhean Croise  

Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.


Дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыди Давидыл, паддзах куы сси, уӕд, паддзахиуӕг та кодта дыууиссӕдз азы.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй,


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй,


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон иумӕ


Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.


Йаковӕй райгуырди Мариайы мой Йосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.


Йессейӕ райгуырди паддзах Давид, Давидӕн Уриайы усӕй — Соломон;


Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мады ном Мариа нӕу, мыййаг? Йаков, Йосеф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты?


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта Фарны Уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».


Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.


Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».


Мелеа, Менна, Маттафа, Нафан, Давид,


Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»


Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».


Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»


Мӕ фыццаг чиныджы, Феофил, ӕз ныффыстон, Йесо цы куыста ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕ райдианӕй,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan