2 Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Захариайы фырт Иоаннӕн ӕдзӕрӕг быдыры раргом ис Хуыцауы Дзырд.
Хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: «Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг ӕдзӕрӕг быдыры, сӕмраст кӕнут нӕ Хуыцауӕн Йӕ цӕуӕнтӕ.
Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.
Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас:
халдейаг зӕххыл, Кевары доны был, Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта сауджын Езекиелӕн, Бузийы фыртӕн. Уыцы ран ыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд.
Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:
Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.
Уыдон куы ацыдысты, уӕд Йесо райдыдта адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз?
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны
Пехуымпар Исайамӕ афтӕ фыст ис: «Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ фӕндаг.
Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.
Уый сын дзуапп радта пехуымпар Исайайы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг быдыры фидиуӕджы хъӕлӕс: „Сӕмраст кӕнут Бардарӕгӕн Йӕ фӕндаг“».
Анна Йесойы бастӕй арвыста алчер Каиафӕмӕ.
алчер Анна, Каиафӕ, Иоанн, Александр ӕмӕ алчеры иннӕ къабӕзтӕ.