Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 3:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу бафснайдзӕни Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 3:17
9 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕндӕр у сӕ хъысмӕт: уыдон сты, дымгӕ кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымау.


Уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ — уӕ хуымтӕ уын чи бакусы, уыдон — хӕрдзысты, бел ӕмӕ сагойӕ дымгӕмӕ кӕй ныддардтой, ахӕм холлаг, хуырхӕгимӕ хӕццӕйӕ.


Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ.


Фӕлӕ уыдон Дунедарӕджы хъуыдытӕ нӕ зонынц, Йӕ уынаффӕ сын зындгонд нӕу. Куыристӕ мусы куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, уыйау сӕ ацы ран кӕй сӕмбырд кодта, уый не ’мбарынц.


Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хорӕфснайӕн афон ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: раздӕр уал мӕгъӕлдайы кой бакӕнут, бабӕттут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут, мӕнӕу та мын бафснайут мӕ хордоны“».


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Иоанн ма адӕмы разӕнгард кодта ноджы бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕй, Фарны Уац сын ӕмбарын кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan