Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Иоанн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр, ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 3:16
24 Iomraidhean Croise  

Мӕ уайдзӕфтӕм мын уе ’ргом куы раздахиккат, уӕд уӕ ӕз схайджын кӕнин мӕ монӕй, мӕ ныхас уын фехъусын кӕнин.


цалынмӕ ныл Дунедарӕг бӕрзондӕй Йӕ Уды арфӕ не ’руадза, уӕдмӕ. Ӕмӕ уӕд ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та хъӕды хуызӕн суыдзӕн.


Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.


Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе ’хсӕн лӕууы иу Чидӕр, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый —


мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».


Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уд ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ Кӕуыл фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“.


Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ йӕ зӕрдӕйӕ раивылдзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ».


Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд ӕрцӕудзыстут Сыгъдӕг Удӕй».


Петр уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕтыл дӕр — иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтыл, цагъартӕ ӕмӕ сӕрибар адӕмыл — иу Удӕй саргъуыдӕуыд ӕмӕ иу буар систӕм, не ’ппӕтӕн дӕр уыциу Уд рардӕуыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan