14 Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».
Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу.
Ма давут, ма сайут, кӕрӕдзиуыл хинӕй ма цӕут.
Йесо Капернауммӕ куы ӕрцыди, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау бацыди ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта:
Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».
Адӕм фарстой Иоанны: «Цы гӕнгӕ нын у?»
Уый сын дзуапп радта: «Цы уын ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй мацы домут».
Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.
цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,
Хъуӕгтӕ ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын — ӕз сахуыр дӕн, цы ис, уый фагыл нымайыныл.
Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,
Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.