12 Хъалонисджытӕ дӕр ӕм аргъуыд райсынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?»
Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.
Адӕм фарстой Иоанны: «Цы гӕнгӕ нын у?»
Уый сын дзуапп радта: «Цы уын ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй мацы домут».
Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон банымадтой растыл ӕмӕ донаргъуыд райстой Иоаннӕй.
Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»