10 Адӕм фарстой Иоанны: «Цы гӕнгӕ нын у?»
Хъалонисджытӕ дӕр ӕм аргъуыд райсынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?»
Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.
Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы амал ис?»
Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»
Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.
Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».