Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 24:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 ӕмӕ джихӕй аззадысты. Ӕваст сӕ разы дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы февзӕрдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 24:4
9 Iomraidhean Croise  

Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис


Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд.


Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой.


Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ нал истой, фӕлӕ сын уыдон загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?


Нал сӕм зынди, фӕлӕ ма уӕддӕр арвмӕ кастысты ӕдзынӕг. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы, урс-урсид дарӕсы,


Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Ӕмӕ рӕхыстӕ Петры цӕнгтӕй ӕрхаудтой.


Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan