Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 24:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Уыдӕттыл куы ныхас кодтой, уӕд Йесо Йӕхӕдӕг се ’хсӕн ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 24:36
13 Iomraidhean Croise  

Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.


Ӕмӕ хӕдзар уый аккаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕни, науӕд уӕ фарн фӕстӕмӕ раздӕхдзӕни уӕхимӕ.


Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“


Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.


Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».


Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты хӕдзары, Фома дӕр — семӕ. Дуӕрттӕ ӕхгӕд уыдысты, афтӕмӕй ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ астӕу ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»


Йӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты фӕзындис апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.


Йӕхи раргом кодта Кифӕмӕ, уый фӕстӕ та дыууадӕс апостолмӕ дӕр.


Уый фӕстӕ Йӕхи равдыста Йаковмӕ, фӕстӕдӕр — ӕппӕт апостолтӕм.


Фарндӕттӕг Бардарӕг уын кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр фарн дӕттӕд. Бардарӕг уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр!


Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan