21 Мах та нӕ зӕрдӕ дардтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый кӕй у, ууыл. Йӕ байтыгъдыл ныр ӕртыккаг бон цӕуы,
«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.
«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.
Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.
Апостолтӕ иумӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Бардарӕг, Израилы паддзахад ногӕй ныр сфидар кӕндзынӕ?»
Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?“
Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!